Социалон лæггæдты Центртæ, "Уæлахизы цæсгæмттæ" Мæскуыйы музейы | Йæ рæстæгыл
Автор: iRYSTON TV
Загружено: 2026-03-13
Просмотров: 118
Описание:
Хъæутæ зæронд кæнынц, зæгъгæ, уыцы æмбарынад канд зæронд хæдзæрттæ æмæ æдзæллаг цæрæн бынæттимæ баст нæу. Нырыккон хъæутæ зæронд кæнынц, фылдæр дзы ацæргæ адæм кæй ис, уый тыххæй. Зæрæттæн æххуыс кæныны тыххæй 1990-æм азты нæ бæстæйы кусын райдыдта социалон хъахъхъæнынады æмæ социалон лæггæдтæ кæныны системæ. Уæд гом кæнын райдыдтой социалон лæггæдты комплексон Центртæ. Абон нæ республикæйы кусынц алы районы дæр. "Йæ рæстæгыл" æрныхас кодтам Горæтгæрон районы минæвæрттимæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ирыстойнаг хъбатырты тыххæй дзурдзысты Уæлахизы музейы Мæскуыйы. Уыцы хъуыддаг рауайдзæн егъау æппæтуæрæсеон проект "Лица Победы"-йы фæрцы. Ныртæккæ уал нæ республикæйы æмбырд кæнынц, музейы кæй равæрдзысты, уыцы æрмæджытæ. Проекты бацархайæн кæмæн æмæ цы хуызы ис, уый тыххæй дзурæм нæ программæйы.
Хъæуты нæ фаг кæнынц постхæсджытæ. Уыцы хъуыддаг банывыл кæныны тыххæй Уæрæсейы кусын райдыдта конкурс "Хъæууон постхæссæг". Ацы аз ацæудзæн 2-аг хатт. Цы дæтты ацы мадзал æмæ куыд ахады почтæйы кусджытыл, стæй хъæуы цæрджытыл? Уый иртасæм нæ студийы.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
/ irystontv
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv
Повторяем попытку...
Доступные форматы для скачивания:
Скачать видео
-
Информация по загрузке: