Дзæуджыхъæу районтимæ цы фæндæгтæ бæттынц, уыдон сцалцæг кæндзысты
Автор: iRYSTON TV
Загружено: 2019-10-04
Просмотров: 103
Описание:
Дзæуджыхъæу Горæтгæрон, Æрыдоны, Дыгуры æмæ Æрæфы районтимæ цы фæндаг бæтты, уый аразын райдайдзысты ацы аз. Куыстыты фыццаг къæпхæны аргъ уыдзæн 200 милуан сомы. Ныридæгæн, Фæндæгты разамынд «Кавказ» байгом кодтой арæзтадон организацитæн гом конкурс. Уый тыххæй фехъусын кодта нæ республикæйы фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариель. Йæ ныхæстæм гæсгæ, куыстыты фыццаг хай райдайдзысты æмæ фæуыдзысты ацы аз. Ныридæгæн цæттæ у проектон-сметон документаци. Райдиан куыстыты фæлгæты сараздзысты фæндæгты ацæуæнтæ, хид æмæ фæзилæнтæ. Солиты Тариель куыд фæнысан кодта, афтæмæй Мичурыны хъæугæрæтты фæндагыл цы шофыртæ цæуынц, уыдоны тыххæй хъæуы цæрджыт зындзинæдтæ ййафынц, уыимæ ма дзы арæх æрцæуынц фæндаггон фыдбылызтæ. Йæ хъуыдытæм гæсгæ, æппæт транспорт хъуамæ цæуа хъæуы иувæрсты. Паддзахадон æлхæнинæгты порталы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй æхцайы фæрæзтæ уыдысты федералон бюджетæй. Куыстытæ ахæсдзысты иннæ азмæ.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
/ irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Повторяем попытку...
Доступные форматы для скачивания:
Скачать видео
-
Информация по загрузке: